1. 1351.
    0
    эрнесто гевара райгуырдис 1928-æм азы 14 июны аргентинæйы сахар росариойы, ирландиаг уидæгтæ кæмæн уыди, уыцы архитектор эрнесто гевара линчы (1900—1987) бинонты ’хсæн. йæ мад доньйæ селийæ де ла серна ла льосайы (1908—1965) æрдыгæй че геварамæ уыди испайнаг уидæгтæ. йæ мадæн дард бавæйгæ уыд генерал хосе де ла серна-э-инохоса. уый уыди, испанийæн латинаг америкæйы цы цыппар вице-къаролæдтæ уыди, уыдонæй тæккæ гыццылдæр — перуйы вице-къарол (уæлдæр паддзахадон чиновник). селийæ хæстæджытæй бын райста провинци мисьонесы матейы («парагвайаг цай») плантаци. кусджыты уавæр фæхуыздæргæнгæйæ — уыимæ сын æхцайæ райдыдта фидын, чейы фыд смæстджын кодта сыхаг плантаторты, æмæ сæ бинонтæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ росариомæ алыгъдысты, уыцы рæстæг аргентинæйы дыккаг дынджырдæр сахармæ. уым байгом кодтой йерба-мате цай амал кæныны фабрикæ. уыцы сахары цын райгуырд фырт эрнесто. дунеон экономикон кризисы тыххæй сæ бинонтæ цасдæр рæстæджы фæстæ раздæхтысты мисьонесмæ, сæ плантацимæ.
    ···
   tümünü göster